Уæрæсейы, гæнæн ис, æмæ фæивдзысты цæрæнуæтты кредитты райсыны системæ
Уæрæсейы, гæнæн ис, æмæ фæивдзысты цæрæнуæтты кредитты райсыны системæ. Уæрæсейы Банк фидæны азы 1-æм июлæй фæнд кæны ипотекæ 30 азы æмгъуыдæй фылдæр ма дæттын. Уый тыххæй сæрмагонд документ фæзынд финансон цæстдарды оргæны сайты. Уымæй уæлдай ма кæсдзысты фыццаг фиддоны бæрцмæ, хъуамæ аргъæн уа йæ 20%. Афтæмæй ма фатер аразгæ хæдзары чи амал кæна, уыдоны фыццаг фиддон, гæнæн ис, æмæ фылдæр снысан кæной. Уый та уымæн, æмæ цæрæнуат аразыны æмгъуыдмæ æргътæ бæрзонддæр кæнынц. Уымæй уæлдай ма Центрон Банк фæнд кæны кредиттæ 30 азæй фылдæры æмгъуыдмæ бауромын, уымæн æмæ ахæм æфстæутты нымæц фæстаг азмæ 10-æй 20% онг схызт.