Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг парахат вæййы тъæнгты инфекци дæр

Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг æмæ найæн сезон арæх, хъыгагæн, парахат вæййы тъæнгты инфекци дæр. Тæвд боны вирустæ æмæ бактеритæ ноджы фылдæр кæнынц. Уæлдæфы бæрзонд температурæйы микроорганизмтæ фылдæр кæнынц. Цъеуты Анжелæ уыцы рæстæг уæлдай тынгдæр йæ цæст дары сывæллæттæм. Тъæнгты инфекци вæййы вирусон кæнæ бактериалон. Йæ аххосæгтæ вæййынц алыхуызон, доны объектты найгæ найын дон аныхъуырын, сыгъдæгдзинады домæнтæ, зæронд продукттæ, уазалгæнæны хойрæгты дарынад. Сæйраг симптомтæ — бæрзонд температурæ, лæмæгъдзинад æмæ ахсæны рыст. Хостæ куы нæ æххуыс кæной, уæд хъæуы дохтырмæ бацæуын. Инфекци адæймагыл бахæцы къранты донæй дæр. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды регионалон управленийы, гигиенæ æмæ эпидемиологийы центры специалисттæ æппынæдзух уавæрмæ сæ цæст дарынц. Специалистты ныхæстæм гæсгæ республикæйы, тъæнгты инфекци республикæйы æмбæлгæ æмвæзадæй уæлдæр нæу. Низ нæ парахат кæны. Дзуапдæттæг ведомствоты кусджытæ сидынц цæрджытæм цæмæй лæмбынæгдæр уой, хынцой æппæт домæнтæ дæр.
Back to Top