Шота Багаев - Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ

Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ - Шота Багаев Ансамбль “ Хурзæрин“ слова: Народные музыка: Булат Газданов Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ, Æмæ мын разынд æлвисæн. {Ма мын кæс, чызгай, мæ сæрмæ, Мæ карæн нæу уый, æвдисæн.} x2 Сыхаг ус йæхи фæмары, Зыгуымы фесæфт йæ судзин. {Чи загъта æмæ мæ кары Зæрдæйы цырагъ нæ судзы.} x2 Æхсæвæй, бонæй мæ зæрдæ Дæумæ бæлгæйæ куы риссы. {Тæхуды æмæ ды кæй дæ, Уымæн йæ амонд йæ диссаг.} x2 Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн, Донæн йæ рæсугъд не ссардтон. {Усгур дæр бирæ фæцыдтæн, Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.} x2 Сæрдыгон кæрдæг фасæг у, Æрыгон зæрдæ уарзæг у. {Уарзын дæ æмæ уарздзынæн, Æмæ дын алкæд зæгъдзынæн.} x2 Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ, Æмæ мын разынд æлвисæн. {Ма мын кæс, чызгай, мæ сæрмæ, Мæ карæн нæу уый, æвдисæн.} x2
Back to Top