Альбина Секинаева - О, мæ мад...

О, мæ мад... - Альбина Секинаева слова: Заур Хубаев музыка: Альбина Секинаева О, мӕ мад, дӕ чызг та дӕ куы мысы Кувӕгау дын дзурын ӕз дӕ ном. Цыма мӕм дӕ фӕлмӕн хъӕлӕс хъуысы Адӕргӕй ныххус вӕййы мӕ ком. Дысон та фӕлыгъдысты мӕ фынтӕ Рацыд мӕм зӕды хуызы мӕ мад. Нывӕзта мӕй рудзынгмӕ йӕ тынтӕ Мӕ уадултыл та цины цӕссыг уад. Мӕ дӕлфӕдтӕм цыма йӕхи ӕруагъта ӕмӕ фӕлыгъд мӕ рыст удӕн йӕ маст. «Куыдтӕ цӕрут ӕнӕ мӕнӕй? » - мад фарста Уый фын нӕ уыд, фӕлӕ уыд аргъау раст. Ахастой мӕ уалдзӕгмӕ мӕ сӕнттӕ Амондджын кӕм уыд мӕнӕн нӕ цард. Кодтой-иу мӕ цӕгатмӕ мӕ фӕндттӕ Уыд бинонтӕ иугӕнӕг нӕ мад. О, фӕлӕ фӕсайдтой мӕн мӕ сӕнттӕ ӕз ӕнхъӕлдтон мадӕн нӕй мӕлӕн. ӕмӕ мын фыццаг хурӕн йӕ тынтӕ асырдтой мӕ ӕхсӕвы кӕлӕн. Цас фӕндыд мӕ мад, дӕуӕн фӕдзурын ӕмӕ ныр фӕсмон кӕнын бӕргӕ… Фенхъӕлӕм нӕ мад уыдзӕн нӕ цуры Фенхъӕлӕм ӕнус кӕндзӕн цӕргӕ. Рудзынгӕй ӕнкъард мӕйы къӕлӕтмӕ Стахт бӕлон цӕхӕркалгӕ сӕумӕ Уый атахт мӕ уарзон мад дзӕнӕтмӕ ӕз та уаты баззадтӕн кӕугӕ. О, мӕ мад, дӕ чызг та дӕ куы мысы Кувӕгау дын дзурын ӕз дӕ ном. Цыма мӕм дӕ фӕлмӕн хъӕлӕс хъуысы Адӕргӕй ныххус вӕййы мӕ ком. Рӕстӕг тӕхы, систон ӕз мӕ саутӕ Фӕлӕ зӕрдӕ риуы у ӕнкъард. Ды мӕрдтӕй ысуадз сызгъӕрин таутӕ Махӕн та дӕ фӕндиаг – нӕ цард.
Back to Top