О мæ мад..... Слова Заура Хубаева, музыка Альбины Секинаевой

О, мӕ мад, дӕ чызг та дӕ куы мысы Кувӕгау дын дзурын ӕз дӕ ном. Цыма мӕм дӕ фӕлмӕн хъӕлӕс хъуысы Адӕргӕй ныххус вӕййы мӕ ком. Дысон та фӕлыгъдысты мӕ фынтӕ Рацыд мӕм зӕды хуызы мӕ мад. Нывӕзта мӕй рудзынгмӕ йӕ тынтӕ Мӕ уадултыл та цины цӕссыг уад. Мӕ дӕлфӕдтӕм цыма йӕхи ӕруагъта ӕмӕ фӕлыгъд мӕ рыст удӕн йӕ маст. «Куыдтӕ цӕрут ӕнӕ мӕнӕй? » - мад фарста Уый фын нӕ уыд, фӕлӕ уыд аргъау раст. Ахастой мӕ уалдзӕгмӕ мӕ сӕнттӕ Амондджын кӕм уыд мӕнӕн нӕ цард. Кодтой-иу мӕ цӕгатмӕ мӕ фӕндттӕ Уыд бинонтӕ иугӕнӕг нӕ мад. О, фӕлӕ ф&
Back to Top