Шота Багаев - Къуыдаргомы лæппутæ

Къуыдаргомы лæппутæ - Шота Багаев Мæ Ирыстонæн фидар у йæ бындур Æмæ йæ ничи базмæлын кæндзæн. Цæрынц йæ зæххыл Къуыдаргомы лæппутæ, Сæ ныфсæй дæр нæ Ирыстон цæрдзæн. Бæрзонд хæхтæ сæм радтой кады нуазæн, Тызмæг хæхтæ сæм бауагътой сæ тых. Æгас цæуæд уæ лæгдзинад, нæ фырттæ, Фыдызнагмæ уæ кæрдтæ дарут цыргъ. Фæлмæнзæрдæтæ, мадзура бындартæ, Сæрæнгуырдтæ, цæргæсау у уæ каст, Сæрыстыртæ, æгъдауджынтæ мæ хæрзкæндтæ Тæхудиаг, тæхудиаг у уæ уарзт. Ыстут нæ Ирæн Уастырджитæ иууыл, Нæ Ирыстоныл уæ хъæбатыры ном ныхъхъæр. Æрвиты уын йæ арфæтæ нæ Ирыстон. Нæма уын райгуырд а зæххыл æмсæр. О хуры фырттæ, Къуыдаргомы лæппутæ, Хуыцауысконд, Ацæмæзау - уæ зард. Тыхджын ыстут, мæлæт дæр уæ фæтæрсы, Фыдызнагæй нын бахизут нæ цард.
Back to Top