«Мадæлон æвзаг - мадау адджын». Хуырымты Дианæ

21-æм февралы бæрæг кæнынц мадæлон æвзаджы æппæтдунеон бон. Алы адæмыхаттæн дæр ис йæхи æвзаг æмæ у сæ хæзна. Æппынæдзух хъусæм, ирон æвзаг сæфтмæ цæуы, зæгъгæ. Йæ хъысмæт фыццаджыдæр аразгæ у махæй. Йæ фидæн та ис рæзгæ фæлтæры къухы, уымæ гæсгæ сабиты мадæлон æвзагмæ æмхиц кæнынц у уæлдай ахсджиаг. Ууыл удуæлдайæ архайы Хуырымты Дианæ- Алайнаг гимназы ахуыргæнæг.
Back to Top