Андрей Петраченко I Не ’взаг- сæ хæзна
Дыууæ райгуырæн бæстæйы нæ вæййы, фæлæ дыууæ мадæлон æвзагæн гæнæн ис. Ахæм хъуыдыйыл хæст у нæ равдысты архайæг, уырыссаг адæмыхатты минæвар Андрей Петраченко. Уырыссаг æмæ йын ирон æвзаг æмхуызон зынаргъ сты. Андрей куыд зӕгъы, афтӕмӕй Ирыстон уарзы ирӕттӕй дыууӕ хатты фылдӕр. Йе ’нкъарӕнтӕ равдисы бæлвырд хъуыддæгтæй. Уӕхӕдӕг ын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут.
00:00 - Равдысты сæр;
00:23 - Хуссар Ирыстоны хæстон цауты рæстæг Андрейы ныййарджытæ куыд базонгæ сты æмæ бинонтæ куыд скодтой, уый тыххæй;
03:36 - Андрей Петраченко: Мæ уды мын ирондзинад бауагъта мæ мады фыд Плиты Арон;
05:45 - 2008-æм азы, хæсты хæдразмæ, Андрей Петраченко гуырдзиаг экстремисттæм уацары куыд бахауд, уый тыххæй;
13:33 - Андрей Петраченко: Ирыстон уарзын ирæттæй дыууæ хатты фылдæр;
14:21 - Андрей Петраченкойæн уырыссаг æмæ ирон æвзаг æмхуызон зынаргъ цæмæн сты, уый тыххæй.
_________________________
Мы рядом в: