Гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ацыд наукон конференци
Гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты ацыд наукон конференци. Сарæзтой йæ Республикæ Уæрæсеимæ баиуы 250 азы боны æмæ Цæгат Ирыстоны 100 азы кадæн. Мадзалы архайдтой историон факультеты студенттæ дæр. Пленарон докладтимæ раныхас кодтой институты кусджытæ. Уызджыты ’хсæн уыд Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Фидараты Сослан.