Ирон Нартиадæйы энциклопеди
Нартиадæйы азы кадæн нæ республикæйы сарӕзтой бирæ кадджын мадзæлттæ æмæ хорз хъуыддæгтæ. Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртӕстыты институты та профессор Цыбырты Людвиджы разамындæй, рухс федта, Хуыцауы лæварыл кæмæн ис банымайæн, ахæм чиныг - Ирон Нартиадæйы энциклопеди æртæ томæй.
00:00 - Равдысты сæр;
00:27 - Нарты кадджытæ - ирон адæмы удварны стырдæр хæзна;
02:00 - Цыбырты Людвиджы Ирон Нартиадæйы энциклопедийыл бакусынмæ цы сразæнгард кодта, уый тыххæй;
05:22 - Ирон Нартиадæйы энциклопедийæн Ирыстоны дзыллæтæ цы стыр аргъ скодтой, уый тыххæй;
07:57 - Хъуыссæты Зæлинæ æмæ Дарчиты Мæдинæ сæ иумæйаг куысты тыххæй Ирон Нартиадæйы энциклопедийыл;
16:23 - Цыбырты Людвиг: Сæдæ нæ, фæлæ мин процентæ