СЕКЪИНАТИ ЭЛИТÆ “ГУРУСХÆ“ Малити Геуæргий дзурдтæ, Дзоблати Анатолии музыкæ
«Ирыстоны пехуымпар Хетæгкаты Къостайы фæстæ Малиты Геуæргийæ рæбинагдæр бынат ничи ма скодта йæ адæмы зæрдæйы. Цы ма уа уымæй тæхудиагдæр хъысмæт нывгæнæгæн! Геуæрги у йæ адæмимæ æмтуг, æмыстæг, се хсæн равзæрди, йæ курдиаты хъандзал базыртыл стахти бæрзонд арвыцъæхмæ æмæ та фæстæмæ йæ райгуырæн уæзæгмæ æрыздæхти – йæ алæмæты æмдзæвгæтæ æмæ кадджыты фæрцы».
Ходы Камал РЦИ-Аланийы адæмон поэт
«Малийы-фырты размæ дыгуронау фыста стыр поэт Гуырдзибеты Бласка. Йе взаджы хъæздыгдзинад диссаг куыд нæу! Фæлæ дыгурон æмдзæвгæйы сусæгтæ кæронмæ нæ рахатыдта. Малийы-фырты фæстæ дæр дыгуронау дзæвгар æмдзæ