Архонкæйы фæндагыл Ногирмæ базилæны цы зынгсирвæзт æрцыд, уый иуварсгонд æрцыд

Архонкæйы фæндагыл Ногирмæ базилæны цур ссыгъдысты дыууæ уæзласæн фурæйы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æвæстиатæй бахæццæ сты бынатмæ æмæ зынгсирвæзт аиуварс кодтой. Уæвгæ, зынгсирвæзты тыххæй хъусынгæнинаг управленийы райстой 16 сахаты æмæ 9 минутыл. Бынаты архайдтой техникæйы дыууæ иуæджы. Рагагъоммæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ ссыгъд иу уæзласæн хæдтулгæ, йæ зынг бахъыгдæрдта йæ фарсмæ цы уæзласæн лæууыд, уый дæр. Йæ фæстиуæг, фурæтæй иуæн йæ кабинæ иуылдæр басыгъд. Ныридæгæн уал бынаты кусы экспертон къамис, иртасы зынгсирвæзты аххосæгтæ. Хъыгдæрд дзы баййæфта нæлгоймаг, рынчындонмæ йæ фæхæццæ кодтой. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top