Цæгат Ирыстонмæ Донецкæй ссыдысты лыгъд адæм

Раздæхдзыстæм Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæй лыгъд адæмы уавæрмæ. Уыдон ныр медицинон æххуыс исдзысты лæвар. Сæрмагонд уынаффæ бафыста Михаил Мишутстин. Сæ цæрæнбынæттæй сыстæг адæмæн бар ратдзысты вакцинаци лæвар скæнынæн, Сæ бон уыдзæн медицинон æххуыс æвæстиатæй исын. Донецкы йæ цæрæнбынат æнæбары чи ныуагъта, уыдон иу къорд абон ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ дæр. Æдæппæтæй 156 адæймаджы, се ’хсæн сывæллæттæ 112-æй. Æфсæнвæндаджы вокзалæй сæ фæхæццæ кодтой санаторий «Юность» æмæ «Тæмискъ»-мæ. Сабитæ æмæ скъолайы кары сывæллæттæн снысан кодтой бынæттæ сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ ахуырадон организациты. Ацы поезд Дзæуджыхъæумæ схæццæ абон райсомæй. Æхстыты бынæй æдас ранмæ ракодтой 112 сывæллоны. Семæ сæ ныййарджытæ кæнæ сæ хæстæджытæй исчи. Бирæтæн сæ бинонтæ Донецкы баззадысты. Ныр кæд сæ хæдзæрттæй дард сты, уæддæр сæ тас фæцыдæр. Сæ фæрсмæ æппынæдзух бархионтæ, зонгæтæ æмæ Æнæнхъæлæджы цауты министрады психологтæ. Ныртæккæ сæ райгуырæн бæстæ цы уавæры ис, уый лыгъд адæм зонгæ дæр нæ кæнынц. Кæцæй
Back to Top