Индира Тедеева. Георгий Степанов. “Не ’взаг-сæ хæзна“.
Уырыссаг адæмыхатты минæвар Георгий Степанов у æрыгон фæндырдзæгъдæг, суинаг музыкант æмæ аивадиртасæг.
Йæ хуыздæр хæлар — ирон фæндыр — кæддæриддæр вæййы йемæ. Фæндыры зæлтæй йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæйы `нкъарæнтæ `вдисын Георгий йæхицæн нымайы стыр амонд æмæ Хуыцауы лæварыл.