ИРОН ФÆНДЫР. НЫСТУАН

НЫСТУАН Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг, Кæуæгау фæкæса, мыййаг, – Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, Уый зарæд йæхи фæндиаг!.. Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, Куы бафидин искуы мæ хæс, Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс...
Back to Top