Азиаты Таймураз ссардта йе фыды фыды инган
Азиаты Таймураз йæ фыды фыды зоны æрмæст къамтæм æмæ йæ фыды ныхæстæм гæсгæ. Азиаты Барисы фырт Хъазыбег райгуырд 1910-æм азы Хуымæллæджы. Уыд экономист, йæ райгуырæн хъæуы куыста колхозы. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд ацыд йæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ, ныууагъта йæ бинойнаджы æмæ йæ æртæ сывæллоны.
Хæдзары хистæр кæцы фронты службæ кодта, уый бæрæггæнæнтæ бинонтæм нæй. Цалдæр азы фæстæ, хæст кæронмæ куы хæццæ кодта, уæд сæм æрцыд фыстæг, æбæрæгæй кæй фесæфт, уый тыххæй. Рæстæг куы рацыд уæд Таймураз йе ’мхъæуккæгтæй хæсты чи уыд, уыдонæй базыдта, Францийы лагерьтæй иуы йыл кæй фембæлдысты, уый.
Йæ фыды фыды хъысмæты тыххæй базонын Азиаты Таймуразы тынг фæндыд. Агуырдта йын йæ ингæн. Уый тыххæй йæ бахъуыд 24 азы. Æххуысмæ фæсидт не ’мзæххонтæй Европæйы чи цæры, уыдонмæ. Уыимæ æппынæдзух каст немыцаг онлайн-архивтæм, фæлæ дзы ницы бæрæггæнæнтæ уыд.
Таймуразæн йæ ныфс асаст, фæлæ 2021-æм азы йæ хъуыддаг фæрæстмæ. Ногæй фæдзырдта историк Сергей Дыбовмæ. Цалдæр боны фæстæ уый Таймуразмæ æрбарвыста цыртдзæвæны къам. Дурыл фыст уыд йæ бабайы ном Азиаты Хъазыбег, зæгъгæ. Ингæн разынд æфсæддон уæлмæрды Лионы бынмæ. Таймураз бирæ фæзылд, фæлæ йæ уæддæр ссардта.
Таймураз ма базыдта ноджы иу хъуыддаг: Азиаты Хъазыбег амард чысыл французаг горæт Альбийы. Йæ бабайы тыххæй бæрæггæнæнтæ йæ кæстæр ныр дæр агуры. Таймураз йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй разæй нырма бирæ куыст ис.