Æрнигон Иласы (Тогуызты Газакк) уацмыс «Челе» кæсы РЦИ-Аланийы адæмон артист Битарты Алыксандр
Радзырд «Челе» у Æрнигон Иласы прозаикон уацмысты хуыздæр. Ирон радзырдты тæккæ аивдæр æмæ нуарджындæртæй сæ иу.
Автор кæрæдзийы ныхмæ æвæры Тæнæг Сыхы цæрджыты æмæ Челейы зондахаст, цардмæ сæ цæстæнгас. Челе у иуæрдыгæй кусаг æмæ хæдзардзин, йæ хæдзар ницы цух у, иннæрдыгæй – нæдæр улæфт зоны, нæдæр – царды хæрзтæй йæхи арæвдауын, æмбал-æрхорд ын нæй.
Хъæуы цæрджытæ та уарзынц цард, сæхи аирхæфсынц чындзæхсæвты, куывдты, хъазтизæрты. Фæлæ цардуарзгæйæ дæр хъæууон хæдзары ардуан, кæнæ æндæр хæдзарон мигæнæн куыд ма хъуамæ уа, уыдон Челейæ цæмæн курынц?!.
Сымах та кæй фарс стут Челейы æви Тæнæг Сыхы цæрджыты?
#ИронЧ