Кадджын бæрæгбон, Плиты Иссæ, телеуынынады бон, хæдтулгæтыл æнувыд лæппу æмæ таксист-зарæггæнæг

Райдыдта Лæгты Дзуармæ кувæн къуыри дæр. Мах дæр æй сбæрæг кодтам комкоммæ эфиры. Афтæ ма 21-æм ноябры вæййы телеуынынады бон дæр. 120 азы та æххæст кæны Плиты Иссæйы райгуырдыл. Уыдæттæ уыдысты нæ дзуринæгтæ. Уазæгуаты ма нæм уыдысты, уæзласæн хæдтулгæтæ зæрдиагæй чи уарзы, ахæм 4-аздзыд лæппу, стæй йæ алы бæлццонæн дæр зарæг чи лæвар кæны, уыцы таксист. Семæ аныхас кодтам йæ рæстæгыл æмæ сæ разыйæ баззадыстæм. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top