Фарныхъæуы сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл сарæзтой сæрмагонд мадзал

Фарныхъæуы сылгоймæгты бæрæгбоны фæдыл сарæзтой сæрмагонд мадзал. Культурæйы бынæттон хæдзары бацæттæ кодтой хъæуы сылгоймæгты къамты равдыст, æрыгон бирæсывæллонджын сылгоймæгты ’хсæн та сарæзтой хъæзтытæ æмæ ерыстæ. Аргъ та сын кодтой жюрийы уæнгтæ – Рахизфарсы районы ахуырад æмæ культурæйы управленийы минæвæрттæ. Хъæуы администраци та сын бацæттæ кодта дипломтæ æмæ лæвæрттæ. ️ Мадзалы сæйраг хæс уыд хъæуты цæрæг сылгоймæгты кад фæбæрзонддæр кæнын, стæй цы æвæрæн хæссынц сæ алы боны куыст æй нæ бæстæйы рæзтмæ, уымæ уæлдай цæстæнгас раздахын. Подписывайтесь на irystonTV Source: IrystonTV
Back to Top