Бӕрӕгбон Красноярскы, ӕрбайсгӕ дзырдтӕ, Гӕздӕнты Гайтойы ном, Мӕскуымӕ балц ӕмӕ “Алтын-Майдан“
Йæ рæстæгыл уæм хæццæ кæнæм, ног æмæ цымыдисаг æрмæджытимæ. Нæ фыццаг уазæг æрæджы сыздæхт Красноярскæй. Радзырдта нын, нæ фыдæлты `гъдæуттыл Красноярскы цæрæг ирæттæ куыд хæцынц, уый. Æвдисæн дзы уыди “Ирон культурæйы бон“-æн. Уæдæ нын нæ ахуыргонд уазæг та йæ хъуыдытæ загъта æрбайсгæ дзырдты тыххæй.
Паддзахадон Думæйы депутаттæ фæнд кæнынц семæ тох самайын. ЦИПУ-йы аивæдты факультеты студенттæ та бакуыстой ирон æвзагмæ тæлмацгонд Гæздæнты Гайтойы романы бындурыл æвæрд спектаклыл. Куыд, уый нын раргом кодтой. Афтæ ма нæм саккаг кодтой, æрæджы сывæллæттимæ Мæскуымæ чи ацыд, уыцы бæрнон адæм дæр. Сæ балцы тыххæй сын сæхицæй фехъуыстам.
Программæйы кæронмæ та нæ амонджытимæ аныхас кæнынмæ суанг фестивалæй æрбатындзыдта йæ саразджытæй иу. Радзырдта нын сфæлдыстадон фембæлды тыххæй æмæ фæстæмæ йæ уазджытæм атагъд кодта.
_________________________
Мы рядом в: