Мольеры пьесæ “Мизантроп“ фыццаг хатт равдисдзысты Ирон театры сценæйыл

Чызджы зæрдæ — Альцесты ’рдæм, йæхæдæг та Селименæйы уарзы. Йæ ролы — Гæбуты Жаннæ. Уый у хъæлдзæг, цардæй йæ мондæгтæ чи исы, ахæм чызг. Уæдæ йын уарзæттæ дæр бирæ ис æмæ йын уый хыгъд Альцест уайдзæф кæны. Мольеры сфæлдыстад æппæт дунейы дæр зындгонд у. Йæ комедиты æхсæнады хъæндзинæдтæ ирд ахорæнтæй æвæрд сты. “Мизантропыл“ Битарты Алыксандр сæмбæлд студент ма куы уыди, уæд. Зындгонд французаг театр æй Мæскуымæ æрласта. Уæдæй нырмæ 22 азы рацыд, фæлæ режиссермæ цы ’нкъарæнтæ сæвзæрын кодта, уыдон æй абон дæр рох не сты. Уымæн æмæ Альцест æхсæнады хъæндзинæдтæм куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы, семæ нæ разы кæны, карзæй сыл дзуры — мизантроп. Йæ ролы — Мыртазты Тимур. Фыццаг сурæт йæ зæрдæмæ нæ фæцыди. Ирон театры сценæйыл актер сæйраг ролы кæд фыццаг хатт хъазы, уæддæр аивадуарзджытæн уарзон æмæ зонгæ у. Цыбыр рæстæгмæ дæр æй æнæ бахъуыдыгæнгæ нæ фæуыдзæн адæймаг. Æмæ уый сценæмæ фыццаг хатт куы рахызт, уæдæй. Францийы уддзæф фæхæстæгдæр костюмты ’руаджы дæр. Сты дизайнер-модельер Гæбæраты Лизæйы æрхъуыдыгонд. Сценикон дарæс хуыйыны йæхи фыццаг хатт бафæлвæрдта спектакль “Челейы“ рæстæг. Уæд 30 костюмы бахуыдта, ныр та — 15-æй фылдæр. Мольеры хъайтартæ иронау сдзырдтой драматург æмæ тæлмацгæнæг Кокайты Тотрадзы фæрцы. Фæлæ сын сæ хицæн диалогтæ французаг æвзагыл ныууагътой. Иуырдыгæй — риссаг фарстатæ, иннæрдыгæй — ирд æмæ хъæлдзæг сценæтæ. Премьерæ уыдзæн 16 ноябры.
Back to Top