Вадим (Бужук) Харебов - О, уыцы дыууæ сау цæсты
О, уыцы дыууæ сау цæсты - Вадим (Бужук) Харебов
слова: Георгий Дзугаев
музыка: Феликс Алборов
О, уыцы дыууæ сау цæсты,
Мæ тæригъæдæй бастъæлат!
Цæмæн бахаудтæн у’ ахæсты,
Цæмæн базыдтон уарзты ад?
Уæ иу фæкастæй атайын,
Хуссары митау, хуссары.
Бæргæ уæ рохыл архайын,
Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары!
Мидбыл худгæ мыл атыхсут
Хъызтзымæджы дæр, уалдзæгау.
Зæрдæйы фатау аныхсут
Æмæ фæвæййын уадзыгау.
Мауал мæм кæсут, ма кæнут,
Мауал мæ судзут алы бон!
Уæд та мæ иу сыгъд бакæнут
Æмæ уæ искуы фервæзон!