Хъороты Элин м Дулаты Аспарн хсызгон нкъарнт рбахаста Атараты Георгий

Хъороты Элинæ йæ къабаты рæсугъддæр скодта æмæ Митын Дадамæ æнхъæлмæ кæсы. Дунейы æппæт сабитау, 5-аздзыд чызг лæвармæ бæллы. Элинæйы бæллиц сæххæст кодта вице-премьер Атараты Георгий. Уазæгуаты йæм æрбацыд, йæ лæвар ын хъуамæ йæхи къухтæм радта. Элинæйы фæндыди, цæмæй йын Митын Дада æнæнхъæлæджы лæвар скæна. Вице-премьер ын цы караоке-системæ æмæ кукла æрбахаста, уыдоныл тынт бацин кодта. Йæ куклайæн ма суанг ном дæр æрхъуыды кодта — Оливия. Уæдæ Дулаты Аспар та бæлвырдæй зыдта велосипед æй кæй хъæуы, уый. Уымæн дæр йæ фæнд — æххæстгонд. Йæ хистæр æфсымæр дæр æнæрхъуыдыйæ нæ баззад, фæзынд æм ног робот. Сабитæ цы лæвæрттæм бæллынц, уый вице-премьер базыдта “Бæллицты заз бæласы“ фæрцы. Акци цæуы 2018 азæй бæстæйы Президенты хъæппæрисæй. Йæ архайджытæ — хъыгдард æнæниздзинадимæ сабитæ æмæ æххуысцух бинонты сывæллæттæ. Проект баиу кодта мингай хæрзгæнæг адæймæгты. Мидбылхудт æмæ бæрæгбоны аргъау дæр уал сывæллонæн балæвар кодтой.
Back to Top