Паддзахадон хæххон-аграрон университеты кусы ахуырадон-ветеринарон фермæ
Цугкиты Заремæйы хъæлæс уæрыччытæ хорз зонынц. Алкæцы дæр йе ’рбацыдмæ фенхъæлмæ кæсы. Йæ куыст æгæрон уарзтæй чи уарзы, ахæм адæймаг. Афтæ дзурынц Заремæйæ йе ’мкусджытæ. Уый та уымæн, æмæ æмбары ацы хъуыддаг хуымæтæг кæй нæу. Паддзахадон хæххон-аграрон университетæн снывонд кодта йæ царды фылдæр хай. Университет каст куы фæци, уæд дзы кусын райдыдта.
Æхсæз азы Цугкиты Заремæ разамынд дæтты ахуырадон-ветеринарон фермæйæн. Арæх аразы эксперименттæ æмæ ууыл ахуыр кæны студентты дæр. Афтæ æрæджы сфæнд кодта ног иртæст саразын. Баиу кодтой фысы дыууæ мыггаджы, Дорпер æмæ Романовский, кæй хонынц, ахæмæ. Ныридæгæн афтæмæй сбирæ сты. Скодтой лыстæгвосы 97 сæрæй фылдæр. Мæймæ йæ уæз свæййы 32 килограммы онг. Ныридæгæн специалисттæ бæрæг кæнынц уæрыччытæ нæ климæтæн куыд фæразынц, уый. Уыимæ сын инфекцион низтæй цас тæссаг у.
Автралийаг дорпер хицæн кæны йæ дзидзайæ. Романовская та хорз у мыггаг парахат кæнынæн. Цасдæр рæстæджы фæстæ сбæрæг кæндзысты цас пайда у нæ республикæйы ахæм мыггаг рæзын кæнын. Эксперимент хорз у бынæттон амалхъом адæмæн дæр. Фермæ та æххуыс у студенттæн сæ ахуыры рæстæг. Ам сæ зонындзинæдтæ хъæздыгдæр кæнынц практикæйы хуызы.
Фидæны ам фæнд кæнынц парахат кæнын æндæр хæдзарон фосы мыггаг. Факультеты декан куыд фæнысан кодта, афтæмæй уыцы хъуыддагæн чысыл хæрдзтæ нæ хъæуы. Уымæ гæсгæ, фарстайыл кусынц лыстæггай.
Парахат кæндзысты æндæр мыггаг дæр. Зæгъæм, Лакон кæй хонынц. Сырæзынц 7-10 мæймæ. Специалисттæ фæнд кæнын раиртасын уыдон та сæхи куыд дардзысты нæ регионы климаты уавæрты.