Мадина Дзиоева & Ахшара - Медузæ

Медузæ - Мадина Дзиоева & Ахшара (Кристина Кузнецова) MATRANG - Meduzæ | cover НА ОСЕТИНСКОМ 1. Мах дæуимæ - стъалыхауд Чемамæ мæнæ билет. Боныцъæхмæ кафджытæ Хъулон къæвдайы бынмæ. Арæх ивæм сахартæ, Нæ фадæттæ - нæ фынтыл. Æз ’знон æргом уыдтæн, Абон та ничи дæ ды. Ног нысан хæссы мæ цонг, Ифтындзгæ магнитофон. Рæстæгыл дæр нæй æууæнк, Ацæуын у йæ афон. Арвыл чи уыны бæрæг, Йæ аст къахы уымæн - ног. Дуне’ нæй иунæг цæрæг, Медудзæйы - осьминог. ПРИПЕВ Медудзæ, медудзæ, медудзæ, Ме ’мбал дæ, медудзæ, медудзæ. Медудзæ, медудзæ, медудзæ, Ме ’мбал дæ, медудзæ, медудзæ. 2. Æз фыдзæрдæ худт кæнгæ, Фелхъывтон мæ мæнгвæдæг, Марын дын дæ чъизитæ, Пъолмæ хауынц сæхæдæг. Баззад ам сыгъдæгдзинад, Дæ хуылф уырс-уырсид ’сси, Де ’нæбын цъæх цæстытæ, Демæ радон фын фæци. Никуы уыдтæ мæ лымæн, Æнæсым дæ нæ рауад. Ногæй ’рбацыдтæ мæнмæ, Дæ уд мемæ ам баззад. Боныцъæхмæ чиныг кæс, Судз мæ ’нæхъæн ’хсæв, дæ рад. Никуы басабыр уыдзæн Иттæг ’цæг уарзондзинад. ПРИПЕВ Медудзæ, медудзæ, медудзæ, Ме ’мбал дæ, медудзæ, медудзæ. Медудзæ, медудзæ, медудзæ, Ме ’мбал дæ, медудзæ, медудзæ. Медудзæ, медудзæ, медудзæ, Ме ’мбал дæ, медудзæ, медудзæ. Медудзæ, медудзæ, медудзæ, Æмбæлттæ, медудзæ, медудзæ.
Back to Top