Зилгæйы 9 аздзыд сывæллон йæхимæ йæ къух систа
Зилгæйы цы æвирхъау цау æрцыд, уый æнæхъæн республикæйы цæрджыты зæрдæтæ сæнкъуысын кодта. 9 аздзыд лæппу йæхиуыл йæ къух систа. Цы кодта сывæллон, цæмæн бакодта афтæ æмæ цæмæй нæ уыд разы йæ царды? Ныртæккæ ацы фарстатæн дзуапп раттыныл кусынц слестгæнæн оргæнтæ. Байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр уæлдай цæстдард здахы ацы фарстамæ. Иутæ зæгъынц, сывæллоны хъыгдæрдтой скъолайы. Уым та дзурынц иннæрдæм, ома аххосджын сты бинонтæ сæхæдæг, зæгъгæ. Чи сæ у раст? Нæ уацхæсджытæ хъуыддагмæ æркастысты лæмбынæг.
9 аздзыд Оледжы бинонтæ гуырысхо нæ кæнынц: лæппуйы мæрдтæм батардтой скъолайы. Йæ фыды мад куыд дзуры, афтæмæ