Хъуысаты Садреттин I Амигдал
Ирон адæймаджы æнцон базонæн у канд йе `ддаг бакаст нæ, фæлæ йæ фезмæлдæй дæр.
Афтæ зæгъы Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин.
Не ’мбæстæгтæ æцæгæлон зæххытæм ацыдысты ХIХ-æм æнусы 60-æм азты. Уæдæй абонмæ сæ бон баци фыдæлты æгъдæуттæ бахъахъхъæнын.
Фæлæ уавæр ныртæккæ куыд у, афтæ куы ахæсса, уæд 20-25 азы фæстæ ирон æвзаг бынтондæр фесæфдзæн. Ирыстоны та ис, адæмыхатты цы хъыгдары, ахæм миниуджытæ.
Уыдæттыл æмæ ма æндæр ахсджиаг хабæрттыл дзурæм нæ ног равдыст #Амигдалæ»-йы.