ЗАРАДЖЫ БАЗЗАД Танхълаты Жорка
Хъысмӕт... Адӕймаг цӕмӕ нӕ сарӕхса ӕмӕ цы нӕ базона ацы зӕххыл, ӕвӕццӕгӕн, ахӕмӕй ницы ис. Гъе ӕрмӕст адӕймаг нӕ зоны, цы уыдзӕн йӕ сомбон, цы йын ӕрцӕттӕ кодта йӕ хъысмӕт, цавӕр зындзинӕдты сӕрты йӕ бахъӕудзӕн ахизын.
Джызӕлы кадджындӕртӕй иу Танхълаты Жоркӕйы хӕстон хабӕрттӕ чи зоны, уыдон абон дӕр дис кӕнынц, йӕ хъысмӕт куыд рауад, ууыл. Абон кӕд Жоркӕ не хсӕн нал ис, уӕддӕр зарӕджы баззад йӕ ном.
Танхълаты Темырболаты фырт Жоркӕ райгуырд 1910 азы Джызӕлы. Хъӕуы астӕуккаг скъолайы фӕстӕ Жоркӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыд Алагиры хъӕууонхӕдзарадон техникуммӕ. ӕнтыстджынӕй йӕ каст фӕци, фӕлӕ йе стыр б