Беслæн. Бархионты куыст республикæйы
Цæгат Ирыстоны райдыдтой Беслæны теракты амæттæгты мысæн бонтæ. Беслæнмæ цæуынц канд нæ республикæйы цæрджытæ нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы, æмæ ма раст фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ дæр.
Иудзинад хъыджы бон равдисын рагæй-æрæгмæ дæр тынг ахсджиаг уыди. Уæлдайдæр та ирон адæммæ. Æмæ уымæн æвдисæн, ацы аз нæ фæсивæд адæмæн æххуыс кæныны хъуыддаджы цы иудзинад æмæ цæттæдзинад равдыстой, уый. Æххуыс кæныны хъуыддаг райрæзти æмæ сси егъау змæлд. Бархионты къордтæ кæнынц фылдæрæй-фылдæр.
Ноджы ма хæрз æрæджы нæ республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисæй бархионты проекттæй хуыздæртыл нымад чи рцæуа, уыдонæн граннтæ дæтдзысты республикæйы бюджетæй. Уæдæ кæрæдзийæн баххуыс кæныны идеяйыл дзурæм абон не студийы.
_________________________
Мы рядом в: