Цæгат Ирыстоны мин сывæллонæй фылдæр райстой депутат Мæхъиты Зурабы лæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны мин сывæллонæй фылдæр райстой Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зурабы лæвæрттæ. Адджын чыргъæдтæ арвыстой республикæйы æппæт районтæм — уæлдай узæлд æмæ æххуыс кæй хъæуы, уыдонæн. Се ’хсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæ, æххуысцух æмæ бирæсывæллонджын бинонты цот. Лæвæрттæ арвыстой парти “Иугонд Уæрæсе“-йы бынæттон хайæдты æмæ бархионты æххуысæй.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон Думæйы депутат æмæ хæрзаудæн Фонд “Фарн“-ы бындурæвæрæг Мæхъиты Зурабæй лæвæрттæ райсын сси æрвылазон традици. Магкæты бинонтæ Дзæуджыхъæуæй фыццæгтæй иутæ сты сæ æртæ сывæллоны номыл бæрæгбоны æрвыстæгтæ, чи райста.