Николай Гумилёв. Капитаны (на осетинском языке)
Николай Гумилев
КАПИТАНТÆ
I
Дард, цæгат æмæ хуссары фурдты ,
Рог, цъæх ызмæлты къæлæзты сæр
Дзындз , базальтæй къæдзæхтæ ‘мæ дуртæ
Хъусынц науты пæлæзты сæр-сæр.
Цырд, рæудзуты кæнынц капитантæ, –
Ног зæххытæ иртасынц бæстон.
Нæ, нæ сын сты тæссаг урагантæ, –
Уыдон федтой мальстрёмтæ , тæндон .
Уыдон риутæ гæххæттыты рыгæй
Не сты ‘фсæст, фæлæ фурдты цæххæй,
Хъавгæ, се ‘хсарджын фæндæгтæ ‘рцындзæй
Скъуыдтæ картæтыл равдисынц стæй.
Уый лæнк-лæнкгæнæг наухидмæ стæхы,
Мысы фæсчъылдым аззайæг порт.
Фынчы бындзгуытæй хъавгæ æрцæгъды
Уисы цæфтæй йæ бæрзонд ботфорт.
Науы чъилы куы рахаты растад,
Уæд йæ рон&