Хабæрттæ // 2022 / 29 июля
Горæты фидауцтæй иу - Евгений Вахтанговы хæдзар-музейы рацарæзт кæронмæ æрхæццæ. Аразджытæ бавнæлдтой мидæггаг куыстытæм. Проектмæ гæсгæ бæстыхайы уыдзæн чысыл театралон зал æмæ арт-кафе. Цæудзысты дзы моноспектакльтæ æмæ сфæлдыстадон изæртæ.
Сабитимæ иумæ цымыдисаг зонындзинæдтæм. Цымийы сарæзтой этнолагерь «Иры фидæн». Бацархайдтой дзы 35 сывæллоны республикæйы алы районтæй. Ирондзинад кæй зæрдæйы ис, уыцы æвзонг фæсивæды тыххæй - нæ равдысты.
Дунеон æмæ æппæтуæрæсеон æркастыты лауреаттæ иу сценæйыл. Мариинаг театры филиалы ацыд симфонион оркестры концерт. Классикон музыкæйы бæрæгбоны тыххæй - нæ программæйы.
_________________________
Мы рядом в:
yo