ЦИПУ - йы студентт ног азы агъомм бахълдзг кндзысты н фсддонты

Хусгонд хъæрмхуыппыл хъæуы æрмæст тæвд дон æркæнын æмæ 2-3 минутмæ хуыппаг уыдзæн цæттæ. Конд у æнæ химион буаргъæдтæй, æрмæст пайдайаг æмæ экологон æгъдауæй сыгъдæг продукттæй. Ахуырадон лабораторийы хими, биологи æмæ биотехнологийы факультеты студенттæ продукттæ раст хæйттыл уарынц. Ам нымайын хъæуы алы грамм дæр. “Студентон“ борщ у патентгонд продукт. Рецептыл бакуыстой афæдзы размæ уæлдæр ахуыргæнæндоны разамынды хъæппæрисæй. Ацы бонты райсдзысты ног ифтонггæрзтæ - дегидратортæ, уыдон зынгæ фенцондæр кæндзысты æппæт архайд. Алы къæпхæнмæ дæр ис бæстон цæстдард. Ингредиенттæ дзæкъулы фæлæудзысты афæдз. Фæсивæд бонмæ цæттæ кæнынц 100 ахæм æмбырдгондæй фылдæр. Сыхаг корпусы дæр куыст йæ тæмæны бацыд. Цыбырты Дзамболат йе ’мкурсонтимæ иумæ тохы быдырмæ æрвитынц акъоппы цырæгътæ. Æппæт архайд дæр бæстон зонынц. Дарддæр та йыл ныккæнынц тад парафин. Иу ахæм мыдадзын цырагъ судздзæн æхсæз сахаты бæрц. Хъæуынц хæринаг схъарм кæнынæн кæнæ та хи батавынæн. Студенттæ сцæттæ кодтой 600 мыдадзын цырагъы. Студенттæн æхсызгон у сæ бон баххуыс кæнын кæй у, уый. Сæ уæгъд рæстæг æрбацæуынц алы факультеттæй студенттæ. Бийынц сусæггæнæн хызтæ, цъындатæ, æмбырд кæнынц хойрæгты æмбырдгондтæ, нæ æфсæддонтæн уæлæдарæс. Гуманитарон æххуыс æмбырд кæнын сфæнд кодтой студенттæ сæхæдæг, ахуыргæнæндоны разамонæг хъæппæрисы фарс рахæцыд. Акъоппы мин царæгъæй фылдæр, цыппар сусæггæнæн хызы, хусгонд хъæрмхуыппытæ æмæ, æнæмæнг хъарм уæлæдарæс. Гуманитарон æххуыс нæ æфсæддонтæн арвитдзысты хæстæгдæр бонты.
Back to Top