94 псалом иронау. На осетинском языке.

Ӕрцӕут, цингӕнгӕ азарӕм Дунедарӕгӕн,       хъӕлӕсыдзагӕй арфӕ кӕнӕм       нӕ ирвӕзындзинады Къӕдзӕхӕн,  Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй,       арфӕ Йын кӕнӕм кады зарджытӕй.  Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр Хуыцау у,       ӕппӕт хуыцӕутты стыр Паддзах.  Зӕххы арфытӕ – Йӕ къухы,       хӕхты сӕртӕ – Йӕхи сты.  Денджыз Йӕ денджыз у – Уый йӕ сфӕлдыста, сурзӕхх дӕр Йӕ къухтӕ скодтой.  Ӕрцӕут ӕмӕ Йын ныллӕг бакувӕм, ӕрхауӕм нӕ зонгуытыл не́ Сфӕлдисӕг Хуыцауы раз.  Уымӕн ӕмӕ Уый нӕ Хуыцау у, мах та – Йӕ дзуджы адӕм, Йӕ хӕсгӕ фыстӕ.       О, бӕргӕ, сымах абон куы ба́йхъусиккат Уымӕн Йӕ хъӕлӕсмӕ:  «Мá ныддур кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, Меривайы ӕдзӕрӕг быдыры уыцы фӕлвáрӕн боны куыд кодтат, афтӕ.  Уым Мӕ къáхтой уӕ фыдӕлтӕ, фӕлвӕрдтой Мӕ,  кӕд Мӕ хъуыддӕгтӕ уыдтой, уӕддӕр.  Уыцы фӕлтӕрӕй дыууи́ссӕдз азы зӕрдӕцъӕх уыдтӕн Ӕз ӕмӕ загътон:       „Ацы адӕм зӕрдӕйӕ фӕдзӕгъӕл сты“; Мӕ фӕндӕгтӕ нӕ базыдтой.  Уымӕ гӕсгӕ ка́рзӕй расомы кодтон — „Уыдон нӕ бацӕудзысты Ме́ ’нцойадмӕ“». #Фӕдзӕхстытӕ #Осетия #Алания #осетинский #осетин
Back to Top