Сергей Меняйло раарф кодта республикйы црджытн Урсейы Конституцийы боны фдыл

Сергей Меняйло раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн Уæрæсейы Конституцийы боны фæдыл. 1993-æм азы иумæйаг хъæлæскæнынады руаджы цы ахсджиаг паддзахадон документ сфидар кодтой, уым уæрæсейæгтæ равзæрстой гражданины бартæ сæйрагдæр кæм сты, ахæм идеалтæ. Конституци - барадон бындур, ууыл æнцайгæйæ цæры æмæ рæзы нæ бæстæ. У нæ хъуыдытæ, хъуыддæгтæ æмæ нысæнттæ кæуыл барæм, ахæм аргъдар. Ууыл æнцайгæйæ, аразæм рæстдзинады бындурыл æхсæнад. Бæрæгбон ма нын иу хатт нæ зæрдыл лæууын кæны паддзахады фидæн нæхицæй аразгæ кæй у, уыимæ национ иудзинады ахсджиагдзинады тыххæй. Уыцы иумæйаг хъуыддагмæ бавæрæн хæссын йæ бон у алкæмæн дæр. Уый тыххæй та хъæуы аргъ кæнын æмæ нымайын конституцион нормæтæ, бæрнон æмæ активон уæвын. Æрмæст нæхи тыхтæй Уæрæсе дарддæр дæр уыдзæн фидар паддзахад. Сæргълæууæджы зæрдæ алкæмæн дæр загъта куысты æнтыстджын уæвын, сабыр æмæ амондджын цард кæнын.
Back to Top