Горæтгæрон районты сывæллæттæ сæрмагонд центрты цæттæ кæнынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ
Фæлварæнтæ царды ахджиаг къæпхæн сты. Рауагъдон сæ куыд радта, уымæй аразгæ у уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæудзæн æви нæ, уый. Хорз бæрæггæнæнтæ райсынæн ныртæккæ æххуыс сты Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæггæнæн центртæ. Æрыдоны 4-æм скъолайы ахуыртæ цæуынц бирæ сывæллæттæ. Математикæ, уырыссаг æвзаг, истори, æхсæнадзонынад æмæ æндæртæ. Цæттæ сæ кæнынц æппæт предметтæй. Къуыри æртæ хатты, уыимæ ма лæвар.
Диана Дьяконовайæн ацы центр тынг æххуыс у. Чызг уыцы иу рæстæг цæттæ кæны æртæ предметæй: историйæ, æхсæнадзонынадæй æмæ англисаг æвзагæй. Хæдзары уавæрты иунæгæй ахуыр кæнын зын у. Бирæ информаци вæййы æмæ йыл сывæллон хибарæй бакусын арæх нæ сарæхсы. Ам та ахуыргæнæг алкæмæдæр ссардзæн фæндаг, алкæддæр баххуыс кæндзæн. Зæгъæм, абон фæсивдæн радзырдтой 2025-æм азы Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цы ивддзинæдтæ баххæсдзысты, уый тыххæй, уымæ гæсгæ сын радтой уæлæмхасæн хæслæвæрдтæ.
Ацы хъуыддаг хорз гæнæн у районтæй сывæллæттæн. Æрыдоны ахуыртæ цæуынц Хъæдгæроны, Фыййагдоны сывæллæттæ. Фæсивæд бæстонæй бамбæрстой формат æмæ ма суанг иумæйаг паддзахадон фæлварæны “репетицитæ“ дæр саразынц. Ахуыргæнджытæ сын дзурынц æппæт лыстæгдзинæдты тыххæй дæр, хи дарыны æмæ бланктæ баххæст кæныны æгъдæуттæ. Сæйрагдæр та сын амонынц катай кæнын кæй нæ хъæуы, уый. Уæд хуымæтæг рæдыдтытæ дæр къаддæр уыдзысты.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн центрты бæстонæй кусынц æппæт лыстæгдзинæдтыл дæр. Сæ цæст дарынц ногдзинæдтæм дæр. Лæмæгъдæр цы къабæзтæ зоынынц, уым сын дæттынц фылдæр зонындзинæдтæ. Уымæй уæлдай ма кæсынц сывæллоны психологон уавæрмæ дæр. Уымæн æмæ уый фæлварæны рæстæг сæйрагдæр у.