Ахæм хабæрттæ// 2023/ 19 мая

Фæстаг дзæнгæрæг абон азæлд Цæгат Кавказы Суворовы номыл æфсæддон училищæйы рауагъдонтæн. Фидæны йæ цард æфсæддон службæимæ чи сбæтдзæн, уыдоны æкъарæнты тыххæй - нæ равдысты. 80 æнæзакъон бырондоны рабæг кодтой республикæйы иу мæймæ. Æнæзылд бынæтты нымæц цæмæн рæзы, уый тыххæй радзурдзыстæм. Зындгонд скульптор Гадаты Лазарыл абон хъуамæ сæххæст уыдаид 85 азы. Йæ куыстытæ зонгæ сты æппæт дунейы аивадуарзджытæн дæр. Дæсны скульпторы тыххæй - нæ равдысты æрмæг. _________________________ Мы рядом в:
Back to Top