Alana & Алла М. Хадикова - Керчы бæстæ
Керчы бæстæ - Alana (Алана Хадикова) & Алла М. Хадикова
Уæ, дзæгъæйлаг Керчы бæстæ,
Мæ тæригъæдæй басудзай.
{Мæ мад мæм нæхимæ
Æнхъæлмæ кæсы,
Ды та мыл сыджыт ныккалдтай.} x2
Атæх, атæх, ды, зæрватыкк,
Хæхтæн, быдыртæн сæ сæртыл.
{Фехъуысын кæн
Мæ мад, мæ фыдæн
Се ’намонд фырты хабæрттæ.} x2
Мауал æм æнхъæлмæ кæсут –
Нал æрыздæхдзæни уæ фырт:
{Знаджы тæвд нæмыгæй
Карз тохы фæмард,
Керчы былыл та ныгæд и…} x2