Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой Хохойты Энверы юбилей
Фыссæг сæрибарæй куы нæ фысса, уæд уый фыссæг нæу. Ахæм хъуыдыйыл хæст у Хохойты Энвер. Поэт, прозаик æмæ тæлмацгæнæгыл абон сæххæст 65 азы. Хохойты Энверы къухы ныридæгæн бафтыд ныффыссын 20 чиныджы бæрц. Йæ райгуырæнбоны йе сфæлдыстадон къæбиц фæхъæздыгдæр кодта, 5 азы кæуыл куыста, ахæм чиныгæй.
Ног хæзнайыл бакуыстой иумæйагæй балхъайраг фыссæг Хейсаим Османовимæ. Цасдæр рæстæг фысджыты бахъуыд уацмыстæ иу æвзагæй иннæмæ тæлмац кæнынæн, цæмæй æмдзæвгæтæн æмæ прозæйæн сæ мидис ма фесæфа. Хуымæтæджы нæу йæ ном чиныгæн «Здравствуйте, мир вашему дому!».
Сæйрагдæр хъуыдыйыл автортæ нымайынц хæлардзинад дыууæ æфсымæрон адæмы ’хсæн. Иумæйаг аивады руаджы сæ фæнды тынгдæр бæттын кæрæдзийыл æмæ зонгæ кæнын кæрæдзийы культурæ æмæ æгъдæуттимæ.
_________________________
Мы рядом в: