Кинотеатр Комсомолец рацарзты фст ныр афдз кусы
Рацарæзты фæстæ дæр “Комсомолец“ дзаг у ивгъуыд дуджы уддзæфæй. Кинотеатры алы агъуыст дæр у сæдæгай æнкъарæнты æвдисæн. Суанг хъуыды кæнынц фæсхæст уæззау азтæ дæр. Адæмы иу сæ зындзинæдтæ ам цыбыр рæстæгмæ уæддæр айрох сты.
Кинотеатрмæ абон дæр бирæтæ цæуынц. Дæсгай азтæ рацыд, фæлæ бынат уарзонæй баззад бынæттон цæрджытæн. Фæсивæд æрбацæуынц киномæ кæсынмæ, хистæртæ — æхсызгон æнкъарæнты фæдыл, се ’рыгоны бонтæ ам арвыстой æмæ сæ æрымысынц. Объект 20 азæй фылдæр уæгъды лæууыд.
Бæстыхайы рацарæзтыл рацыд афæдзæй фылдæр. Ахсджиаг уыд кинотеатры раздæры фидауц ма фесафын. Ууыл реставратортæ бæстонæй бакуыстой. Разуынд дæр, зæгъæн ис, æмæ сæрæй цавæр уыд, ахæмæй баззад. Уæдæ уавæртæ та цæхгæр фæивтой. Æхсызгон рæстæгæрвыстæн дзы алцыдæр ис. Кинотеатр хъæугæ дзауматæй сифтонг кодтой “Культурæйы“ национ проекты æххуысæй.
Ам æрмæст кино не ’вдисдзысты, фæлæ ма араздзысты алыхуызон мадзæлттæ. Фидæны фæнд кæнынц сеанстæ фæфылдæр кæнын. Кинонывты номхыгъд ноггонд цæуы æппынæдзух, бахæссынц æм куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнæгтæ дæр. Зæрдæмæдзæугæ дзы, хистæрæй-кæстæрмæ, чидæриддæр ссардзæн.