«Гуйман» I Судзаг æвзаг
Ивгъуыд æнусы 60-æм æзты нæ литературæйы цы ног «уылæн» фæзынд, уымæн Малиты Васо хауы йæ ирддæр минæвæрттæм. Ацы рауагъды æвзарæм фыссæджы хъуыстгонд уацмыс «Гуйман»-ы. Васо дзы æвдисы, колхозы сæрдары ном куыд фæхудинаг кодтой, уый. Ахæм сюжеттæ та советон литературæйы стæмтæ уыдысты. Чиныг равгæнæн ис электрон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй мæнæ ацы æрвитæныл —
*ТÆНЗÆРДÆ: «...афтæ фидауы нæлгоймагыл дæр йæ тæнзæрдæ»
*ЦЪÆТДЖЫН: «Фæлæ трагикон хæкъуырццы бæсты райхъуыст цъæтджын сынтæджы хъыс-хъыс»
*ТЕНКА: «Хъæццулы бынæй ма йæ сæры тенка зыны»
*АРТÆНСКЪУЫДТÆ: «Артæнскъуыдтæ кæны фырхудæгæй»
*КЪАЛА: «Нæ, йæхи цæсты къала бæлас ма уына æмæ искæй цæсты æрдумæ амона — Гуйманы ахæмæй нæ зонын»
*БЫДЗÆУ: «Айдæнæй мæм, быдзæуы хуызæн, хæлиудзыхæй касти агрофачы фыццаг курсы студент»
*ХИХСÆН: «Артæфтыд агъуыстæй лидзæгау разгъордтой хихсæнæй»
*АУУОНДАР: «Заретæ мæм æдзынæг кæсы урс къуымбилы ставд æндахæй быд пæлæхсар худы чысыл аууондары бынæй»
*ЧЫРС: «Скастæн хæрдмæ — акъациты хихтæй чырс