“Точка кипения“ - йы ацыд лекци, ныхас дзы цыд музейты хъуыддæгтыл

Экспозици раст куыд бацæттæ кæнын хъæуы, цæмæй аивадуарзджытæм хорз æнкъарæнтæ сæвзæра? Ацы фарстайы фæдыл пайда зонындзинæдтæ райстой сæрмагонд лекцийы архайджытæ. Аивадзонынады кандидат Дарья Колпашникова музейтæ æмæ галерейтимæ куысты æппæт лыстæгдзинæдты тыххæй радзырдта йе ’мкусджытæн æмæ студенттæн. Экспозици саразыны хъуыддагмæ бацыдысты бындуронæй. Æрдзырдтой тыгъдад æмæ йæ ахадындзинадыл. Фæбæрæг кодтой алыхуызон аудиторийы æргом чи раздахдзæн, ахæм мадзæлттæ. Куратор у Сиеннæйы 15 æнусы аивады специалист, фæлæ архайы æндæр темæтимæ дæр. Уæлдай тынгдæр уарзы классикон æмæ нырыккон аивад иу кæнын. Мадзал сарæзтой “Точка кипения“ центры Пушкины номыл музейы Цæгат Кавказы филиалы æххуысæй.
Back to Top