Дзуджыхъуы кронм рхцц республикйы чемпионат армрестлингй
Æмæ ацы æнкъарæнтæ бамбарæн ис. Спортсментæ уæлахизæн æппындæр сæ тыхтæ не ’вгъау кæнынц. Армхæст бирæ хъару æмæ хъæддыхдзинад домы. Уæлдайдæр та иу фæзыл республикæйы хуыздæр фæсивæд куы сæмбырд вæййынц, уæд. Мæргъиты Георгий ерысты архайы дыккаг аз.
Георгий тренировкæ кæны къуыри æртæ хатты. Уæлдай æргом здахы хæцъæфтæ фидаргæнæн архайдмæ. Йæ хатдзæгтæй разыйæ баззад. Дисциплинæ, сæрмагонд фæтк æмæ улæфт, ацы æууæлтæ спортсмен нымайы сæйрагдæрыл уæлахизтæм фæндагыл. Армхæстмæ йæ æрбахуыдта йæ хæлар.
Гæдзаонты Владимир та армхæсты 6 азæй фылдæр ис. Ацы спортмæ æрбацыд йæ фыды амынддзинадмæ гæсгæ. Æвзонг лæппу Уæрæсейы ерысты рамбылдта æртæ хатты. Ныр йæ уæлахизты хыгъды ис республикон чемпионат дæр.
Владимир йæхиуыл удуæлдайæ архайы. Къуыри цалдæр хатты тренировкæ хорз хатдзæгтæ дæтты. Ерысты рамбулы тыхджын ныхмæлæуджыты.
Турнир арæзт æрцыд спортивон хъæбысхæсты тренировкæгæнæн центры. Сарæзтой йæ федералон проект “Спорт - норма жизни“ нацпроект “Демографи“-мæ гæсгæ. Ацы къæпхæн фæлварæн у. Хуыздæртæ дарддæр архайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты. Æдæппæтæй 18 уæзы. Архайд цыд цыппар стъолыл. Алкæцымæдæр дзы сæ хъус дардтой фæйнæ дыууæ тæрхонгæнæджы.
Ерысты архайдтой 100 адæймагæй фылдæр. Уæлахиздзауты схорзæх кодтой майдантæ æмæ Кады гæххæттытæй. Турнир аразджытæ - физкультурæ æмæ спорты министрад æмæ армрестлингы Федераци.