Дзуыджыхъуы цуы документалон кинонывы фестиваль
Тыхджын къухæмдзæгъдимæ цæгатирыстойнаг университеты концертон залы сценæмæ рахызт Карсанаты Владимир. Хæсты ветеран. Уаззау цаутæ йæ сабийæ баййæфтой. Йæ ныййарджытæ, æфсымæр æмæ чысыл хоимæ цардысты горæт Гроднойы, Польшæ æмæ Белоруссийы арæныл. Йæ фыд - æфсæддон офицер, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæдразмæ 1939 азы æрвыст æрцыд командировкæйы. Йæ мад æмæ фыды мæлæты фæстæ, фашисттæ цоты иннæ сывæллæттимæ ауæй кодтой æххуырстмæ.
Владимир йæ цаутæ радзырдта документалон киноныв “Без срока давности. Несломленная Осетия“-йы. Сфæлдыстадон къорд егъау куыст бакодта киноныв сисыны агъоммæ дæр. Республикæйы районты, уæлдайдæр та Толдзгун, Цыкола, Елхот, Алагиры архивты специалисттæ агуырдтой информаци. Кинонывы сюжеты бындурмæ цы цаутæ райстой, уыдон сæ карздзинадæй дисы ’фтауынц. Ирон адæмы æфхæрдтыты чи архайдта, уыцы батальоны хыгъды уыдысты финнаг бархионтæ. Роман Величкин - режиссер у. Æрыдонæй рацæугæ. Схъомыл ис йæ хистæрты радзырдтыл.
Æмæ афтæ хъуыды кæны йæ хистæртæй алыхуызон цаутæ чи базыдта, уыдон се ’ппæт дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмард бирæ адæм. Алы фæндзæм фронтмæ цыд бархионæй. Сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ хистæртæ фæллой æмæ æххуыс кодтой фæсчъылдымы. Премьерæ бабæрæг кодта Платы Альбинæ. Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг фæнысан кодта, киноныв æнтыстджын кæй рауад, уый.
Фестивалы программæйы равдыстой дыууæ кинонывы. Дыккаг “Без срока давности. Геноцид“. Культурон хъæппæристы президентон фонды кусджытæ æмæ ЦИПУ-йы историон факультеты студентты фæндæй арæзт æрцыдысты ацы куыстытæ. Кинонывыл фæллой кодтой Уæрæсейы наукон архайджытæ. Республикæйы цæрджытæн сæ сæ бон фенын у. Уæлдай пайда та уыдзæн фæсивæдæн. Афтæмæй кæстæр фæлтæры ’хсæн рæздзæн патриотизм, Фыдыбæстæмæ уарзондзинад.