Ахæм хабæрттæ // 2021 / 27 января

Хуымæллæджы сывæллæтты рæвдауæндон райдыдтой бындуронæй цалцæг кæнын. Нырма уал бæстыхай раст цыма хæсты бахауд, афтæ у. Фæлæ аразджытæ дзырд дæттынц, тагъд, дам, йæ хуыз скалдзæн. 77 азы размæ Ленинград суæгъд мæлæтхæссæг фашистон æрхъулайæ. Уал азмæ æгъатыр фыдбылыз кæмæй нæ ферох, уыдонæй иуы бабæрæг кодтам. Зæрдæ ныккæрзы йæ мысинæгтæй. «Алантæ Цæгатаг сахары». Ног документалон киноныв рухс федта республикæйы нациты ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады хъæппæрисæй. Нæ ивгъуыдмæ не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ фæстæмæ акастысты.
Back to Top