Video by Andrey Kriss

Нæ абоны уазæг кæддæриддæр уæздан, мидбылхудаг, йæ ныхас та - фæлмæн æмæ рæсугъд. Йæ литературон хъайтартæ бирæтæн систы уарзон. Æрмæст Тетейы æмæ Бабайы аргъæутты кой куы скæнæм, уæд æй бамбардзыстут, кæй кой кæнæм, уый. Нæ зæрдиаг уазæг у Будайты Милуся. 00:00 программæйы сæр 00:20 разныхас 01:05 уазæг æрбацыд 02:00 Милусяйы фыццаг бæллиц цавæр уыд æмæ фыццаг цавæр дæсныйадыл сахуыр кодта 04:00 «хæдзары иу хъуамæ дохтыр уа» 04:35 доктыр кæй сси, уый йæ цардыл куыд фæзынд 06:05 Милусяйы хъуыдытæ алы фæлтæрты зонындзинæдты æмвæзады тыххæй 08:12 Нывæцæнтæ æмæ чингуытæ цы пайда сты?! Раздæры библиотекæты тыххæй мысинæгтæ 10:28 ХХI-æм æнус адæмы куыд ивы 11:11 Адæмы ‘хсæн ахастдзинæдтæ (цаутæ) 13:41 Хъæуы цард йæ зæрдæмæ цæмæй цæуы? Сабибонты мысинæгтæй 16:21 Арæхдæр цæуыл фæхъуыды кæны 17:06 «Мæ хъысмæт куыд рауад» 19:33 Сывæллæттæм цæстæнгас 20:20 Куыстмæ уарзондзинад æмæ йыл æнувыддзинады тыххæй 21:55 «Редактор – хирурджы хуызæн у» 24:16 «Уый Хуыцауы лæвар у» (Рæнхъытæ куыд райгуырынц.) 25:30 Сæ бинонтæ (Толдзгуны) ирон бæрæгбæттæ куыд бæрæг кодтой 27:54 Цымыдисаг тулдз бæлас æмæ Алардыйы бæрæгбон 30:15 фольклор æмбырд кæнын цæмæн хъæуы? 32:10 Чендзе чи уыд æмæ Милусяйы цæуыл ахуыр кодта? 35:47 Туг – туг у... Чендзейы хабæрттæ 38:30 Бинонты æнувыддзинады тыххæй 39:26 Бинонты царды сæйрагдæр цы у? 40:05 Милуся кæй хуызæн у? Цæмæй? 42:03 Сыгъдæгдзинады тыххæй 44:18 Хи миниуджыты тыххæй æмæ аргъ цæмæн кæны. 47:10 Æфсарм æмæ уæздандзинадæн аргъ кæнынц?! 48:05 Сфæлдыстадон адæймаджы уды тыххæй. (Йæхи тыххæй) 51:15 Алцыдæр зæрдæмæ хæссын хъæуы? 52:20 «Иумæ куы амæликкам»... Чи æмæ цæмæн загъта Милусяйæн ацы ныхæстæ?! 54:47 «Мæхицæн дæр æнхъæл нæ уыдтæн» 55:46 Цæссыг лæмæгъдзинады æвдисæн у? Йæхæдæг фæкæуы æви нæ? 57:52 æппæтæй тыхджындæр æнкъарæныл цы нымайы? 58:45 Йæ зæрдæмæ исты хæссы? 59:46 Амонд цы у... 01:00:00 Сæрæстырдзинады тыххæй 01:02:25 Йæ бæллицты тыххæй 01:03:35 Уазæгæн бузныг 01:04:08 Амонæг уазæгæн лæвар кæны дæгъæл 01:05:27 Кæронбæттæн ныхас _________________________ Мы рядом в:
Back to Top