Дзуджыхъуы 22-м скъолайы ахуырдзаутн сарзтой нымцон урок
Дзæуджыхъæуы 22-æм скъолайы 7-æм æмæ 9-æм кълæсты ахуырдзаутæн сарæзтой нымæцон урок. Горæты уынгты тагъд æмæ æнæкъуылымпыйæ цæуынæн нырыккон технологитæ цы ’ххуыс сты, уый фæсивæдæн радзырдтой дзуапдæттæг комитеты кусджытæ. Таксийы дæнцæгыл бамбарын кодтой маршруттæ онлайн картæтыл куыд арæзт цæуынц, уый. Скъоладзаутæн ма бацамыдтой аразгæ интеллекты æххуысæй æмбæлццæтты агурын, балцы æхсæнадон хæдтулгæйыл цæугæйæ. Ахæм уроктæ арæзт цæуынц æгас бæстæйы дæр. Æдæппæтæй мадзалы архайдтой 30 лæппу æмæ чызджы. Сарæзтой йæ национ проект “Нымæцон экономикæ“-йы фæлгæты.