Алагиры районы хæххон хъæуты «Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ сарæзтой рейд
Алагиры районы хæххон хъæуты «Цæгаткавказэнерго»-йы кусджытæ сарæзтой рейд. Бæрæг кодтой, электрон тых чи давы, уыцы хæдзæрттæ. Энергетиктæ фыццаджыдæр бабæрæг кодтой поселоктæ Мызур, Бурон æмæ Нузал. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ ам бирæ азты электрон тыхæн йæ 70-90% цæуынц сæфт. Рейды архайдтой 60 адæймагæй фылдæр. Се хсæн барадон оргæнты кусджытæ. Сбæрæг кодтой 750 приборы, иу бинонтæн та сæвæрдтой нымайæн прибор. Уымæй уæлдай сбæрæг кодтой, киловаттæ чи нæ нымайы, ахæм прибор дæр æмæ сарæзтой акт. Электрон хызæгтæй æнæзакъонæй кæй пайда кодтой, уымæ гæсгæ 90 объектты рухс ахуыссын кодтой. Сæ фылдæр сты гаражтæ æмæ хæдзарадон арæзтæдтæ. Алагиры районы электрон тыхдæттæг хайады хицауы хæдивæг Дзасохты Алан куыд зæгъы, афтæмæй аххосаг уый у, æмæ электрон хызæгтæн хицау нæй. Хъуамæ сæм сæрмагонд организаци йæ цæст дара æмæ бахъуаджы сахат нымайæн кусæнгæрзтæ цæуой цалцæггонд. Уымæй уæлдай бирæуæладзыгон хæдзæртты хицæуттæ барæй асæттынц сæ счетчиктæ, цæмæй нормативмæ гæсгæ фидой. Уый та вæййы къаддæр. Фæлæ уæддæр иу