Дзæуджыхъæуы скъолаты райдайдзысты дыгурон диалект ахуыр кæнын | Изæры рад
Дзæуджыхъæуы скъолаты райдайдзысты дыгурон диалект ахуыр кæнын. Ахæм хъуыды равзæрд республикæйы сæргълæууæджы, национ-культурон рæзты фарстаты фæдыл уынаффæгæнæг, филолог Хъамболты Тамерланмæ.
Цæмæй горæты скъолаты дыгурон диалект ахуыр кæнын райдайой, уый тыххæй бацæттæ кодта сæрмагонд проект дæр. Уроктæн пълан саразыныл куыстой афæдзы дæргъы. Ныр ацы азы сентябрæй, Дзæуджыхъæуы 4 скъолайы ахуырдзаутæн фадат фæзындзæн сæрмагонд зонындзинæдтæ райсынæн. Проект æххæстгонд куыд цæудзæн, уый тыххæй аныхас кæн