фсддон госпитлы схорзхджын кодтой Слбиты Акимы
Æфсæддон госпитæлы схорзæхджын кодтой Сæлбиты Акимы. Кинорежиссер сси Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. Цы æхцайы фæрæзтæ райста, уыдон радта сæрмагонд æфсæддон операцийы хъыгдард чи баййæфта, уыцы фæсивæдæн. Акимæн бузныджы ныхæстæ зæгъынмæ алкæй бон не сси æрбацæуын, фæлæ йæм сæ хæрзгæнæгмæ зæрдиаг арфæтæ, æнæмæнг, фæхæццæ кодтой. Уый хъæугæ æххуыс у. Æфсæддонтæн ма цæттæ кæнынц Ног азы бæрæгбон, сараздзысты стыр концерт.